Мæ зынаргъ æфсымæртæ æмæ хотæ!

Зæрдиагæй уын арфæ кæнын сæйраг чырыстон циндзинадхæссæг бæрæгбонимæ – Куадзæнимæ. Абоны бонмæ райдзаст цард æмæ цины уæлахизы æнусон нысан у Чырысти кæй райгас, уый. Бæрæгбоны ахадындзинад æмбарынæй зæрдæ райы: нæ ирвæзыны фæндагылбайгом рухс Дзæнæты дуар.

Куадзæны уалдзыгон æрдз хъал кæны зымæгон тар фынтæй, дингæнæг зæрдæтæ дидинæгау ракалынц. Адæм бамбарынц, Хуыцау æмæ кæрæдзийы уарзын æмæ æргомзæрдæйæ æххуыс кæнын кæй хъæуы, Хуыцаумæ алы бон кувын куыд дзæвгар у!

Зынаргъ æфсымæртæ æмæ хотæ, Иунæг Стыр кадджын Хуыцау уын ахæм арфæ ракæнæд, бæрæгбонимæ уæ къæсæрыл фарн æмæ сабырдзинад куыд бахизой. Уæнгрог æмæ зæрдæрухс цард кæнут, Хуыцауы ном размæ хæсгæйæ.

Уæлдайдæр дæр ма мæ зæрдæ зæгъы, алкæмæн йæ удварн фылдæрæй-фылдæр куыд кæна рухсмæ нæ иумæййаг фæндагыл. Хуыцау та нæ йæ æнæкæрон æххуысæй æмæ тæригъæдæй цух макуы ныууадзæд.

Ацы аз рухæны мæйы сфæнд кодтам нæ аргъуаны байгомкæнын “Дины скъола”. Хонæм нæ скъоламæ сабиты æмæ æнувыд ахуыргæнджыты иумæ аразын раст фидæн фæлтæр.

Уæлдай дæр ма, алы къуыри зæрдиагæй æнхъæлмæ кæсæм нæ æрыгоен фæсивæдмæ æмкъух хорздзинæдтыл архайын.

Тагъд рæстæджы байгом уыдзæн “Евангельский клуб” кæй хонынц, ахæм. Чырыстон дины хицæндзинæдтæ базонын кæй фæнды, табуафси, æнхъæлмæ уæм кæсæм.

Царды мидæг зындзинæдтæй хызт ничи вæййы. Нæ аргъуаны уырнæг адæм зæрдиагæй уæм фæкæсдзысты уæ зын уавæрты, кæмæн йæ бон куыд уа, афтæ.

Нæ аргъуаны куыстимæ æмæ архайды уавæртимæ уæ бон у базонгæ уын нæ сайты http://ironarguan.ru æмæ нæ социалон фарсты.

Комментирование запрещено